"Уæдæ чи дæ? Кæй хъæуыс?
Ничи... Никæй..." «Ирон æвзаг Елхотæй дæлдæр нæ хъæуы». Раджы йæ фехъуыстон. Зæронд хуырхæй туагдæр у. Зæрдæ дзы фæцъæх и. Цæстытæ къахы. Фыццаг кæй дзыхæй сирвæзти, уымæн та йæ зонд йæ хытъыны уыди. Зæгъæд ма, ахæм къæсхуыр сæрымагъзимæ Елхотæй дæлдæр чи ацыди? Кæд ацыди, уæддæр лæджыхъæд æмæ намысы фæдыл нæ! Гуыбыны фæдыл...
О, чи цал æвзаджы зоны, уал лæджы у. Фæлæ йæ фыццаджы-фыццаг ныййарæджы æвзаг слæг кодта. Дзырды хъомыс ын радта. Зонды фæндагыл æй сарæзта. Иннæ ’взæгтæ йын бацамыдта. Ныр цалдæр лæджы у. Йæ ныййарæджы æвзаг уæййаг кæмæн у, уый та? Иунæг лæг дæр нæу! йæхи чи нæ уарзы, уый искæй куыд бауарздзæни? Уарзт фæндаггаг нæу. Дихтæ йæ нæ чындæуы. йе ’цæг ад ын никуы бамбардзынæ. Иунæг уарзты цæрайæ чи цæры, уымæн та йе ’нкъарæн у æнусваг. Алчи дзы у хайджын, аххæссы фæлтæртыл. Къостайы тохы хъæр нæрыди уырыссагау дæр. Фæлæ йын йæ «Ирон фæндыры» цагъдмæ æрыхъуыстой дзыллæтæ. Кæйдæр æвзагыл ныхъхъæр кодтаид: «Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ, сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!» Фæлæ йæ Иры хæхтæ нæ бамбæрстаиккой. Æцæгæлæтты та хъæугæ нæ кодта.
Фæдисхъæрау æртахти æцæгæлон зæххæй нæ фыццаг поэты уынгæг хъæлæс. «Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, куыд ма цæрæм уæ фæстæ!»... Кæмæ фехъуысти хъæбулы ныхас? Чи йæ рахаста дзыллæйы рæгъмæ?
Ныййарæг зæхх. Цымæ цы уыдаид, Темырболат ацы тугæрхæм зарæг туркагау куы ныффыстаид, уæд? Йæ хъæлæс къонайæ фесхънуæггаг æхсидавау ахуыссыдаид Анатолийы æдзард быдырты. Зарæг цæфтæй, фæлæ цардæгасæй æрыздæхти фыдæлты артдзæстмæ. Ирон дзырды фарнæй!..
Пъæззыйау æнахуыр ныв æнцайы мæ зæрдæйыл. Æцæгæлон бæстæй хъусын хæтæнхуаг ирон лæджы фыдохы хъæр. Йе ’взаг, йе ’гъдау, йæ намысыл къух систа. Къæбæр ракурыны фаг базыдта кæйдæр æвзаг. Бакасти хъуыраны. Салам ратты фæндаггонæн. Фæлæ никуы ныццæлхъ кæндзæни Чермен æмæ Бæтæйы фыртты зарæг. Кæй уæрдоны бадай, уый зарæг кæн. Зæрдæ йæ нæ агуры? Уымæн æмæ дæхионыл былысчъил кодтай. «Фæсмонгонд æрбауай!» — судзаг æлгъыст азæлы дæ хъусты. Æвирхъау аууæттæ зилынц дæ фæдыл. Ды никуыуал атæхдзынæ нæртон кадæджы парахат базыртыл. Никуыуал фехъусдзынæ хъаматау цыргъ æмбисæндты æрттивгæ зыланг.
Нал æрлæудзынæ де ’мгæртты рæнхъы уæхскиуæхск. Симдæй ацыдтæ.
Лæджы æмкад нуазæн дæм ничи ратдзæни.
Ды агуырдтай амонд æмæ ссардтай фыдæх.
Фыццаг фембæлды дыл æцæгæлæттæ дис кодтой. Стæ-ма, чи дæ, цы дæ? Кæм и дæ лæджыхъæд? Цы гæнæг сты, кæй цурæй рацыдтæ, уыцы адæм? Уæууæй, фыдæнхъæл фесты. Æрцыдтæ сæм афтид армæй. Уый нæ, фæлæ ма архайыс уыдон хуызæн уæвыныл. Фæлæ... Сæхицæй нæ дæ, уый хорз æмбарынц. Уæдæ чи дæ? Кæй хъæуыс?
Ничи... Никæй...
Цæстырухс тайы фыдæлты уæзæгмæ бæлгæйæ.
Хъусын фæсмоны фæстаг хъæр...
Фыдæлты фарн мæрдтæм нæ цæуы. Фыдæлты стырдæр фарн у не ’взаг Ирон нуазæнау нæм рæсугъдæй æрхæццæ. Хъуамæ йæ кад æмæ радæй адæттæм кæстæртæм. Уый у мæ царды нысан. Цæудзынæн æм. Цалынмæ мæ астæумагъз нæ бахуыскъ уа!..
(Хъодзаты Æхсар, уацау «Ныббар мын, Дзерассæ»)